ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik. Ӕхсӕнадӕмон ӕхсӕнадон змӕлд "Аланты Ныхас" бӕстонӕй сахуыр кӕнын ӕмӕ уынаффӕты фӕстӕ сфидар кӕндзӕн цины, зианы ӕмӕ царды ӕгъдӕуттӕ раст ӕххӕст кӕныны амынд ӕмӕ сараздзӕн ныстуан се 'ххӕст кӕныны тыххӕй Ирыстоны цӕгаты ӕмӕ хуссары дӕр.
Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта "Аланты Ныхас"-ы разамонӕджы хӕдивӕг Кучиты Руслан.
"Мах кусдзыстӕм иу мӕй ӕмӕ ӕрдӕджы бӕрц ӕгъдӕуттӕ раст ныффыссыныл, уый фӕстӕ сараздзыстӕм ныстуан Ирыстоны цӕрджытӕм, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕной", - банысан кодта уый.
Ӕрӕджы ӕхсӕнадон змӕлды ӕгъдӕутты комитет 40 адӕймаджы скондӕй ӕрӕмбырд ӕмӕ ӕруынаффӕ кодта зианы ӕгъдӕуттыл. Куыст ацы фадыгӕй срӕвдз кодтой, уымӕн ӕмӕ зианы ӕгъдӕуттӕ сты иууыл хуыздӕр хъахъхъӕд Ирыстоны. Фӕлӕ, Кучиты Русланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уым дӕр ис ивындзинӕдтӕ, кӕцытӕ нӕ фыдӕлтӕ нӕ арӕзтой.
"Цыдӕртӕ райстам сыхаг адӕмтӕй, кӕмдӕр зыны телеуынынад ӕмӕ советон системӕйы ӕндӕвдад", - ӕмбарын кӕны уый.
Комитеты уынаффӕты рӕстӕджы банысан ӕрцыд 16 пункты, кӕцытӕ хъӕуы фӕивын, цӕмӕй ӕгъдӕуттӕ раздӕхой сӕ раздӕры хуызмӕ.
Аивинаг у зианы размӕ кӕстӕртӕ кӕй фӕхӕссынц дидинтӕ, къам, чырыны сӕр.
"Уый нӕ фыдӕлтӕм никуы уыд, уый цӕуы йӕ фӕстаг балцы ӕмӕ йын нӕ кӕстӕрты йӕ разӕй куыд ӕрвитӕм?", - дзуры Кучиты Руслан.
Уый ма бамбарын кодта ирон адӕммӕ никуы уыд зианы чырын разилын хӕдзармӕ, ӕркъул кӕнын.
"Нӕ фыдӕлты ӕмбарынады афта уыд ӕмӕ лӕг куы ахицӕн вӕййы йӕ цардӕй, уӕд йӕ уд йӕ буарӕй ахицӕн вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ, уый куыд нал ракӕса йӕ хӕдзармӕ, афтӕ уӕ фыдгул дӕр ма ракӕсӕд", - загъта уый.
Комитеты уӕнгтӕ ма бафаутой зианы митинг бакӕнын ӕмӕ сӕхгӕныны ӕгъдау — уый та у советон рӕстӕджы ӕндӕвдад, фӕскомцӕдисонты практикӕйӕ. Раздӕр хӕдзары раз дӕр митинг нӕ цыд арӕзт, рынчынтӕй дарддӕр иууылдӕр цыдысты уӕлмӕрдмӕ, уым-иу рацыдысты ныхасы дӕр, мыггаджы ӕмӕ сыхбӕсты минӕвӕрттӕ. Рбайсгӕйыл нымад цӕуынц сабат бонты стыр фынгтӕ кӕныны ӕгъдау дӕр.
Кучиты Русланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, "Аланты ныхас" уымӕ нӕ тырны, цӕмӕй тобӕтӕ сӕвӕра, фӕлӕ бахъахъхъӕна нӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ.