Президент снысан кодта Цхинвалы раздæры мэры Арæнхъахъхъæнæн службæйы разамонæгæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан снысан кодта Цхинвалы раздæры мэр Хуыгаты Ромеойы республикæйы Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) Арæнхъахъхъæнæн службæйы разамонæгæй.

"Снысан кæнын Хуыгаты Ромеойы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг(ПÆК) - Арæнхъахъхъæнæн службæйы разамонæгæй", - дзырдæуы барамынды.

Цыбыр биографи

Хуыгаты Ромео райгуырд 1977 азы 12 сентябры Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Куртайы хъæуы.
1994 азы каст фæцис Цхинвалы 12-æм астæуккаг скъола;
2006 азы каст фæцис ХИПУ-йы историон факультет;
2005-2022 азты куыста Хуссар Ирыстоны ПÆК-ы;
2022 азы мартæй уыд РХИ хъæууон хæдзарады министры хæдивæг;
2023 азы апрелæй 2024 азы октябры онг уыд Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг.