ЦХИНВАЛ, 20 авг — Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕдты къорд "Центр" ӕмӕ "Скӕсӕн"-ы хӕстонтӕ активон размӕбырстон архӕйдтыты рӕстӕджы ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункттӕ Сухецкое ӕмӕ Панковка Донецкы Адӕмон Республикӕйы ӕмӕ Новогеоргиевка Днепропетровскы областы, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ фехстой дронтӕ ӕмбырдгӕнӕн цех ӕмӕ украинӕйаг хӕстонты рӕстӕгмӕ дислокацийы бынӕттӕ 148 районы.
Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ӕрыппӕрстой залпон ӕхсты реактивон системӕ HIMARS-ы реактивон сармадзан ӕмӕ 217 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, Сау денджызы флоты дӕлхӕйттӕ та скуынӕг кодтой ныхмӕлӕууӕджы дыууӕ катеры.