Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 49 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 авг - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 49 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 49 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 21 – Ростовы областы, авд – Воронежы областы, 5 дроны скуынӕг кодтой Белгороды областы, цыппар та – Хъырымы Республикӕйы, фӕйнӕ ӕртӕ ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты ӕрыппӕрстой Брянскы ӕмӕ Калугайы областты, фӕйнӕ дыууӕ та – Орелы областы ӕмӕ Сау денджызы акваторийы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ ссӕрибар кодтой ӕртӕ цӕрӕн пункты