ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта РЦИ-Аланийы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлойӕн йӕ юбилейы цытӕн, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.
"Ацы бон Дын зӕрдӕбынӕй арфӕ кӕнын. Бирӕ азты дӕргъы Дӕ паддзахадон архайд баст у Уӕрӕсейы паддзахадӕн службӕ кӕнынимӕ. Дӕ зондахаст ӕмӕ энерги дын фадат дӕттынц бӕрӕг кӕнын раст фӕндаг ӕмӕ эффективонӕй реализаци кӕнын паддзахадон нысӕнттӕ", - дзырдӕуы арфӕйы телы.
Гаглойты Алан фидарӕй загъта, сӕ иумӕйаг архайд кӕй фӕахъаз уыдзӕн Ирыстоны райрӕзтӕн.