Путин украинӕйаг кризисы тыххӕй: бӕстӕйӕн йӕ бон нӕу ӕххӕст кӕнын ӕдасдзинад ӕндӕры руаджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 сен - Sputnik. Уӕрӕсейӕн украинӕйаг кризисы ис ахӕм хъуыды, ӕмӕ иу бӕстӕйӕн дӕр йӕ бон нӕу ӕххӕст кӕнын йӕ ӕдасдзинад ӕндӕр паддзахады руаджы, фехъусын кодта Уӕрӕсейы президент Владимир Путин Шанхайы ӕмгуыстады организацийы Советы рабадты рӕстӕджы.
Президент бахахх кодта, Шанхайы ӕмгуыстады организаци кӕй хӕссы егъау хайбавӕрд ӕмгуыстад ӕмӕ ӕууӕнчы атмосферӕ сфидар кӕнынмӕ ӕппӕт евразиаг континентыл.
Уӕрӕсейаг лидер фехъусын кодта, Украинӕйы кризис кӕй райдыдта "ӕрбабырст"-ӕй нӕ, фӕлӕ паддзахадон фӕфӕлдӕхты фӕстиуӕгӕн. Кризисы дыккаг аххосагыл Владимир Путин банымадта Ныгуылӕны фӕлварӕнтӕ Украинӕйы НАТО-мӕ ӕрбаздахыны фӕдыл.
Шанхайы ӕмгуыстады организацийы саммит цӕуы Тяньцзины 31 августӕй 1-ӕм сентябры онг.