Гепрокуратурæ райста йæ цæстдарды бынмæ балергæсаг ахсыныл тобæ æххæст кæнын

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Собаты Григорий бахæс кодта республикæйы районты прокурортæн райсын сæ цæстдарды бынмæ балергæсаг ахсыныл тобæ æххæст кæнын, хъусын кæны дыццæджы уагдоны пресс-службæ.
Валергæсаг ахсыныл тобæ, афтæ ма хъæд æнæзакъонæй калыны проблемæйыл генпрокурор æрдзырдта йæ хæдивджытæ æмæ республикæйы столицæ æмæ районты прокурортимæ рабадтыл.
Прокурортæн бахæс кодтой бафæдзæхсын ресторантæ æмæ кафеты хицæутты, цæмæй ма исой балергæсаг браконьертæй, кæннод амалиуæггæнджыты æрбаздахдзысты административон бæрндзинадмæ.
Собаты Григорий ма бахæс кодта горæттæ æмæ районты прокуратурæты разамонджытæн ауадзын уынаффæйы æмбырдтæ бынæттон хицауæдты минæвæрттимæ, цæмæй сæ цæст дарой хъæд калынмæ.