Гуырдзыстоны цæрæг фехæлдта Хуссар Иры арæн æмæ йæ æрцахстой Знауыры районы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 сен - Sputnik. Гуырдзыстоны Горийы районы цæрæг къуырисæры изæры æнæзакъонæй ахызт Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны уылты тракторыл æмæ йæ æрцахстой милицийы кусджытæ, хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй Гуырдзыстоны цæрæг ахызт арæны уылты гуырдзиаг хъæу Никозийы районы, уый фæстæ ацыд Знауыры районмæ, цы ран æй æрцахста мидхъуыддæгты хайады патрулон къорд.
"Нæлгоймаг радзырдта милицийы кусджытæн, кæй йæ фæндыд бабæрæг кæнын йæ хиуæтты Исахъы хъæуы", - банысан кодтой министрады.
Арæнхалæджы радтой Паддзахадон æдасдзинады комитетмæ, бафтыдтой уагдоны.