ЦХИНВАЛ, 9 сен - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад сфидар кодта чысыл ӕмӕ астӕуккаг амалиуӕгадӕн ӕххуыс ӕмӕ райрӕзты Паддзахадон программӕ 2025 азмӕ.
Экономикӕйы министр Хъотайты Сӕрмӕт фехъусын кодта, ацы нысӕнттӕн кӕй рахицӕн кодтой 38 милуан сомы.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, программӕ ахъаз уыдзӕн цӕрджыты ӕфтиӕгтӕ фӕфылдӕр кӕнынӕн, афтӕ ма фӕфылдӕр уыдзысты хъалонон фиддонтӕ дӕр.
Уымӕй дарддӕр программӕ баххуыс кӕндзӕн рауӕрӕх кӕнын амалиуӕгадон архайд, фӕфылдӕр кӕнын чысыл ӕмӕ астӕуккаг куыстуӕттӕ, бафтыдта Хъотайты Сӕрмӕт.