ЦХИНВАЛ, 9 сен - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад ссæрибар кодта æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæдивæджы бынатæй Пухаты Аленайы.
Пухаты Аленайы снысан кодтой ацы бынатмæ 2023 азы декабры.
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Цоциты Алла банысан кодта, ацы скъуыддзаг кæй райстой Пухаты Аленайы хисæрмагонд куырдиатмæ гæсгæ.