ЦХИНВАЛ, 9 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны республикон комплексон спортивон скъолайы директорӕй снысан кодтой Коцты Георгийы. Уый тыххӕй хъусын кӕны РХИ фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитеты пресс-службӕ.
"Комитеты сӕргълӕууӕг Гасситы Сослан дыццӕджы бавдыста ног разамонӕджы спортивон скъолайы коллективӕн. Афтӕ ма Гасситы Сослан бузныг загъта раздӕры директор Гаглойты Сосланӕн йӕ пайдаджын куысты тыххӕй", - банысан кодтой комитеты.
Коцты Георгий райгуырд 1988 азы 5 январы. Уый размӕ службӕ кодта РХИ хъахъхъӕнынады министрады (2006-2010) ӕмӕ куыста Паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы (2012 азӕй).