Цхинвалы нозтджын шофырмæ ссардтой наркотиктæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 сен – Sputnik. Милицийы кусджытæ ссардтой Цхинвалы 41-аздзыд цæрæджы хæдтулгæйы гæн, уый размæ нæлгоймаг сарæзта фæндагон-транспортон цау, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Аварийы фæстæ фæдæвзарæн мадзæлтты рæстæджы барадхъахъхъæнджытæ басгæрстой транспортон фæрæз.
"Басгæрсты рæстæджы милицийы кусджытæ ссардтой гæнимæ тыхтон, йæ массæ уыд 1,41 граммы", - банысан кодтой уагдоны.
Цауы фæдыл басгæрст уадзы МХМ наркотиктæм цæстдарды фæдыл фæткдаруат.