Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 31 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 авг - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 31 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 31 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 15 – Сау денджызы акваторийы, авд – Белгороды областы, ӕртӕ дроны ӕрыппӕрстой Курскы областы ӕмӕ фӕйнӕ дыууӕ та Хъырымы Республикӕ ӕмӕ Краснодары крайы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 46 украинӕйаг дроны