Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 17 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 авг - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 17 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 17 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй ӕхсӕз – Воронежы областы, фондз – Белгороды областы, фӕйнӕ дыууӕ дроны ӕрыппӕрстой Брянскы ӕмӕ Курскы областты ӕмӕ фӕйнӕ иу та – Липецкы ӕмӕ Тамбовы областты"- дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 122 украинӕйаг дроны