Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ ссӕрибар кодтой Новопетровское Днепропетровскы областы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 сен — Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕдты къорд "Скӕсӕн"-ы хӕстонтӕ активон размӕбырстон архӕйдтыты руаджы ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Новопетровское Днепропетровскы областы, фехъусын кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрад.
Афтӕ ма "Скӕсӕн"-ы хӕстонтӕ иу къуыримӕ ссӕрибар кодтой ноджы дыууӕ цӕрӕн пункты Днепропетровскы областы – Хорошее ӕмӕ Сосновка.
Ныхмӕлӕууӕг ацы здӕхты фесӕфта 1600 ӕфсӕддоны, танк, 18 бронемашинӕйы, 68 хӕдтулгӕйы ӕмӕ быдырон артиллерийы 10 хӕцӕнгарзы.