ЦХИНВАЛ, 15 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембӕлд "Аланты Ныхас"-ы хуссарирыстойнаг хайады сӕргълӕууӕг Тыбылты Леонидимӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Фембӕлды рӕстӕджы дзырд цыд ирон традицитӕ бавӕрын ӕмӕ республикӕйы ӕхсӕнадон уавӕрыл. Тыбылты Леонид бавдыста Гаглойты Аланӕн фыстӕг "Аланты Ныхас"-ы съезды хатдзӕгтимӕ. Гаглойты Алан бузныг загъта Тыбылты Леонидӕн активон куысты тыххӕй ӕмӕ бахахх кодта, ахсджиаг кӕй у размӕ кӕнын ӕмӕ хъахъхъӕнын ирон адӕмы традицион хӕзнатӕ ӕмӕ культурӕ.
Гаглойты Алан ӕрдзырдта Тыбылты Леонидимӕ ирон традицитӕ бавӕрын ӕмӕ республикӕйы уавӕрыл
© Photo : Пресс-служба президента РЮО
Тыбылты Леонид банысан кодта "Аланты Ныхас"-ы раз лӕууӕг хӕслӕвӕрдты ахсджиагдзинад ӕмӕ бафтыдта, зӕгъгӕ, тагъд рӕстӕджы ацӕудзӕн координацион советы рабадт фӕсивӕд, интеллигенци ӕмӕ зонады архайджыты хайадистӕй.
Фембӕлды хайадисджытӕ уӕлдай хъусдард аздӕхтой криминогенон уавӕрмӕ ӕмӕ фыдракӕндты ныхмӕ тохмӕ. Гаглойты Алан бахахх кодта, кӕй йын ис карз позици фыдгӕнджыты ныхмӕ ӕмӕ фидарӕй загъта, цыфӕнды фыдракӕндтӕ иуварс кӕй цӕудзысты закъоны фӕлгӕтты, аххосджынтӕ та райсдзысты ӕмбӕлон ӕфхӕрд.