УФ ӕфсӕдтӕ ссӕрибар кодтой Ольговское Запорожаг областы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 сен - Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕдты къорд "Скӕсӕн"-ы хӕстонтӕ активон размӕбырстон архӕйдтыты руаджы ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Ольговское Запорожаг областы, фехъусын кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрад.
Знаг ацы здӕхты иу суткӕмӕ фесӕфта 260 ӕфсӕддоны бӕрц, дыууӕ танчы, бронемашинӕ, 10 хӕдтулгӕйы, радиоэлектронон тохы дыууӕ станцы ӕмӕ хӕстӕрмӕджыты ӕфтауц.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 667 хӕдтӕхӕджы, 283 вертолеты, 84 151 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 628 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 25 116 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 1591 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 29 590 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 41 811 иуӕджы.