ЦХИНВАЛ, 16 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ӕмӕ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар ӕрдзырдтой уагдоны ӕддагполитикон архайдыл Республикӕ расидыны 35 азы юбилейы контексты. Уый тыххӕй фехъусын кодта паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Джиоты Ӕхсар радзырдта, кӕй кусынц фарстытыл, кӕцытӕ баст сты ӕддагон политикӕимӕ 35 азы юбилей нысан кӕныны период.
"Республикӕ Хуссар Ирыстон расидыны бӕрӕгбоны хайад райсдзӕн Никарагуайы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Людвинг Джентске", - загъта министр.
1990 азы 20 сентябры Адӕмон депутатты совет расидт Хуссар-Ирыстойнаг советон демократон республикӕйы сырӕзт Советон Цӕдисы сконды. Ацы бон республикӕ сарӕзта йӕ фыццаг къахдзӕфтӕй иу хӕдбардзинад ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон банымадмӕ.
Джиоты Ӕхсар
© Photo : Пресс-служба президента РЮО