ЦХИНВАЛ, 16 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан снысан кодта Наниты Сосланы республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрӕй.
Наниты Сослан уый размӕ дӕр уыд Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон рӕзты министрады сӕргълӕууӕг.
Абон Гаглойты Алан Наниты Сосланимӕ фембӕлды рӕстӕджы банысан кодта, бакӕнгӕ куыстытӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады къабазы нырма ис бирӕ проблемон фарстытӕ.
Гаглойты Алан снысан кодта Наниты Сосланы РХИ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрӕй
© Photo : Пресс-служба президента РЮО
Президент зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, Уӕрӕсейы Федерацийы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад тагъд рӕстӕджы кӕй ратдзӕн 11 милуан сомы аргъӕн ифтонггарз хуссарирыстойанг коллегӕтӕн. Ӕмбӕлон уынаффӕ бафыста УФ хицауады сӕргълӕууӕг Михаил Мишустин.
Президент банысан кодта, Наниты Сосланӕн кӕй уыд ӕнтыстытӕ уый размӕ куы куыста министры бынаты, уӕд. Уыцы фӕлтӕрддзинад ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ йын ахъаз уыдзысты проблемӕтӕ асъкуыддзаг кӕнынӕн, бафтыдта Гаглойты Алан.