Ирон спортсментæ æнтыстджын архайд скодтой дунейы чемпионаты уæгъдибар хъæбысхæстæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 сен – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Ирон хъæбысæйхæг Уалыты Чермен рамбылдта æвзист майдан дунейы чемпионаты Загребы, Сидахъты Зауырбег æмæ Салхъазанты Таймураз та рамбылдтой бронзæйон майдантæ.
Æртæ ирон богалы дæр архайдтой 74 килограммы уæзы категорийы.
Уалыты Чермен ерысты финалы фембæлд æвзонг япойнаг хъбысæйхæцæг Кота Такахашиимæ. Чермен тохы райдианы æмбылдта, фæлæ стæй райста травмæ æмæ йæ бон кæронмæ ахæцын нал ссис.
Сидахъты Зауырбег æмæ Салхъазанты Таймураз та æртыккаг бынатыл тохты рамбылдтой америкæйаг Дэвид Карры æмæ ирайнаг спортсмен Юнес Эмамийы.
Уый размæ дунейы чемпионаты бронзæйон майдан рамбылдта хуссарирыстойнаг хъæбысæйхæцæг Джиоты Арсений 86 килограммы уæзы категорийы.
Сидахъты Зауырбег