Цхинвалы ацыд Республикӕ расидыны боны цытӕн ӕфсӕддон парады репетици

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 сен — Sputnik. Цхинвалы сӕйраг фӕзуатыл ацыд Республикӕ расидыны боны цытӕн ӕфсӕддон парады генералон репетици, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Репетици ацыд РХИ хъахъхъӕнынады министр Юрий Яровицкийы къухдариуӕгады бын.
"Театралон фӕзуатыл бӕрӕгбонон маршӕй рацыдысты Хъахъхъӕнынады министрад, Мидхъуыддӕгты министрад, Уӕлвӕткон уавӕрты министрад, РХИ Арӕнхъахъхъӕнӕн службӕ, цыппӕрӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕ ӕмӕ кадетон скъолайы курсантты парадон къордтӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, ӕфсӕддон парады ма хайад исынц Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды ӕмӕ сылгоймӕгты парадон къордтӕ.
1990 азы 20 сентябры Адӕмон депутатты совет расидт Хуссар-Ирыстойнаг советон демократон республикӕйы сырӕзт Советон Цӕдисы сконды. Ацы бон республикӕ сарӕзта йӕ фыццаг къахдзӕфтӕй иу хӕдбардзинад ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон банымадмӕ.
Цхинвалы ацыд Республикӕ расидыны боны цытӕн ӕфсӕддон парады репетици