Уӕрӕсе, Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы ФХМ-ты сӕргълӕуджыты фембӕлд ацӕудзӕн Сочийы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 сен — Sputnik. Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрӕдты (ФХМ) сӕргълӕуджыты фембӕлд ацӕудзӕн Сочийы октябры. Уый тыххӕй РХИ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар фехъусын кодта республикӕйы президент Гаглойты Аланимӕ фембӕлды рӕстӕджы.
"Сочийы фыццӕгӕм октябры ацӕудзӕн фембӕлд Уӕрӕсейы Федерацийы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Сергей Лавровимӕ, хайад дзы райсдзӕн Абхазы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Олег Барциц дӕр", - хъусын кӕны Джиоты Ӕхсары ныхӕстӕ президенты пресс-службӕ.
Уагдоны разамонӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы фембӕлд уыдзӕн ахсджиаг дыууӕварсон ахастытӕ сфидар кӕнын ӕмӕ ӕмгуыстады актуалон фарстытыл ӕрдзурынӕн.