Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 87 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 авг - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 87 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 87 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 30 – Курскы областы, 18 – Ставрополы крайы, 11 дроны ӕрыппӕрстой Ростовы областы, 10 – Брянскы областы, фондз ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты скуынӕг кодтой Тулайы областы, цыппар – Рязаны областы, ӕртӕ Хъырымы Республикӕйы ӕмӕ фӕйнӕ дыууӕ дроны та – Волгоград ӕмӕ Воронежы областты"- дзырдӕуы хъусинаджы.
УФ ӕфсӕдтӕ ссӕрибар кодтой Ольговское Запорожаг областы