Дзӕуджыхъӕуы зонадон центр баххуыс кӕндзӕн РХИ Зонад-иртасӕн институтӕн ӕртӕ здӕхты фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 сен – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Уӕрӕсейы зонӕдты академийы дзӕуджыхъӕуккаг зонадон центр баххуыс кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны Зонад-иртасӕн институтӕн ӕртӕ здӕхты фӕдыл, фехъусын кодта Sputnik-ӕн центры директор Цыбырты Алексей.
"Цӕмӕй ӕнгомдӕр скӕнӕм нӕ зонадон уагдӕтты ӕхсӕн ӕмархайд, уый фӕдыл аскъуыддзаг кодтам равдисын РХИ Зонад-иртасӕн институтӕн нӕ центры куыст гранттӕ исын, зонадон нывӕстытӕ аразын ӕмӕ аспирантурӕйы ахуыры фӕдыл. Афтӕ ма мах фехъусын кодтам нӕ хуссарирыстойнаг коллегӕтӕн, сӕ бон кӕй у ӕрбадзурын консультацийы фӕдыл, кӕд сӕм исты фарстытӕ фӕзына, уӕд", - загъта центры директор.
Цыбырты Алексей бафтыдта, зӕгъгӕ, Зонад-иртасӕн институты цы фарстыты фӕдыл хъӕудзӕн ӕххуыс, уыцы номхыгъд бӕлвырд ӕрцӕудзӕн зонадон центрты кусджыты фембӕлды рӕстӕджы Дзӕуджыхъӕуы.
Цыбырты Алексей