Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ фехстой УГТ ӕфсӕнвӕндагон объекттӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 сен — Sputnik. Уӕрӕсейы ӕфсӕдтӕ егъау ӕхст фӕкодтой Украинӕйы Гарзджын тыхты (УГТ) ӕфсӕнвӕндагон объекттӕ, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы Гарзджын тыхты оперативон-тактикон авиаци, ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараттӕ, ракетон ӕфсӕдтӕ ӕмӕ артиллери егъау ӕхст фӕкодтой Украинӕйы ӕфсады ӕфсӕнвӕндагон инфраструктурӕ, афтӕ ма дронтӕ уадзӕн ӕмӕ ӕвӕрӕн бынӕттӕ", - банысан кодтой уагдоны.
Уымӕй дарддӕр иу суткӕйы дӕргъы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ӕрыппӕрстой 357 украинӕйаг дроны, Сау денджызы та уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ скуынӕг кодтой ӕнӕэкипажон катер.