ЦХИНВАЛ, 16 авг - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой аст украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой аст украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй ӕртӕ – Ростовы областы, ӕртӕ – Брянскы областы, иу дроны ӕрыппӕрстой Воронежы областы ӕмӕ ноджы иу та – Курскы областы"- дзырдӕуы хъусинаджы.