ЦХИНВАЛ, 18 сен – Sputnik. Дмитрий Козак ацыд отставкӕйы Уӕрӕсейы Федерацийы президенты администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕджы бынатӕй, фехъусын кодта УФ президенты пресс-секретарь Дмитрий Песков.
"Дмитрий Козак ацыд отставкӕйы йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ", - загъта пресс-секретарь журналисттӕн.
Дмитрий Козак уыд УФ президенты администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг 2020 азы январӕй фӕстӕмӕ.