ЦХИНВАЛ, 18 сен – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Номдзыд ирон спортсмен, Олимпиаг хъӕзтыты дыууӕ хатты призер дзюдойӕ Тменаты Тамерлан ӕртыццӕджы ауагъта мастер-класс Хуссар Ирыстоны ӕвзонг дзюдоисттӕн. Мадзал ацыд дзюдойы скъолайы Знауыры ӕмӕ ӕрӕмбырд кодта дӕсгай спортсменты ӕппӕт республикӕйӕ.
Номдзыд спортсмен йӕ комментарийы журналисттӕн банысан кодта, арӕх кӕй ӕрцӕуы Хуссар Ирыстонмӕ мастер-класстимӕ ӕмӕ йӕ цӕст дары ӕвзонг дзюдоистты райрӕзтмӕ.
"Мах ӕдзух фӕхонӕм хуссарирыстойнаг спортсменты ӕппӕтуӕрӕсейаг ерыстӕм, ӕмӕ турнирты дӕр фӕархайӕм куыд иу Ирыстоны командӕ", - загъта Тменаты Тамерлан.
Тменаты Тамерлан
© Sputnik / Аслан Тедеев
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый нӕ дих кӕны Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сывӕллӕтты.
"Ӕппӕт ирон сывӕллӕттӕ сты мӕнӕн куыд мӕхиуӕттӕ. Нӕ хъӕуы дих кӕнын Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сывӕллӕтты, мах стӕм иу адӕм, ӕмӕ нӕм алкуыдӕр ис курдиатджын сывӕллӕттӕ. Сӕйраг у, цӕмӕй фӕсивӕд архайой пайдаджын хъуыддагӕй, мах та, хистӕртӕ, алыварсон ӕххуыс кӕндзыстӕм", - фехъусын кодта дзюдойы легендӕ.
Тменаты Тамерланыл цӕуы 48 азы. Номдзыд ирон дзюдоист йӕ спортивон карьерӕйы авд хатты рамбылдта Европӕйы чемпионат, цыппар хатты ссис дунейы чемпионатты призер ӕмӕ дыууӕ хатты та схызт Олимпиаг хъӕзтыты кады пьедесталмӕ.