Цхинвалы хӕдтулгӕ ныццавта фистӕг бӕлццоны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik. Цхинвалы знон изӕр хӕдтулгӕ ныццавта фистӕг бӕлццоны, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Фӕндагон-транспортон цау ӕрцыд 8 Июны уынгыл.
Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ВАЗ 2107 хӕдтулгӕ ныццавта Цхинвалы 74-аздзыд сылгоймаджы, бахахх кодтой министрады.
Сылгоймаджы ӕвӕстиатӕй фӕхӕццӕ кодтой рынчындонмӕ цъӕл къахимӕ.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ бӕрӕг кӕнынц цауы ӕууӕлтӕ.