Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 81 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 сен - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 81 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 81 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 26 – Воронежы областы, 25 – Белгороды областы, 12 дроны æрыппæрстой Ростовы областы, 11 – Курскы областы æмæ авд дроны та скуынæг кодтой Волгограды областы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 84 украинӕйаг дроны