Ирон хъæбысæйхæцджытæ рамбылдтой 11 майданы æхсæнадæмон турниры Дзæуджыхъæуы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 окт – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Ирон спортсментæ рамбылдтой 11 майданы уæгъдибар хъæбысхæстæй Хæдæрцаты æфсымæрты II æхсæнадæмон турниры Дзæуджыхъæуы. Сыгъзæрин хорзæхты хицæуттæ баисты Хæдæрцаты Алик, Хъызынты Дзамболат, Куыдзойты Алан, Найфонты Артур æмæ Кцойты Алихан. Уыдонæй дыууæ – Хæдæрцаты Алик æмæ Кцойты Алихан – турниры уæлахиздзаутæ систы ныр дыккаг хатт фæд-фæдыл.
Æвзист майдантæ бафтыдысты Гобайты Артем æмæ Хынцæгты Сосланы къухты. Пьедесталы æртыккаг къæпхæныл та æрлæууыдысты Найфонты Алан, Кодзырты Сергей, Уалыты Владислав æмæ Биазырты Георги.
Æдæппæтæй ерысты бацархайдтой 200 хъæбысæйхæцæджы 25 бæстæйæ.