ЦХИНВАЛ, 7 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады кусæг Хъуылымбегты Феликс рамбылдта бронзæ майдан фæсивæды `хсæн æппæтуæрæсейаг ерысты дзюдойæ. Æдæппæтæй дзы бацархайдтой 200 спортсмены бæрц Уæрæсейы 18 регионæй.
Ацы æнтысты руаджы Феликсæн фæзынд Уæрæсейы первенствойы бацархайыны фадат. Ерыстæ ацæудзысты ноябры Краснодары.