Зассеты Алан рамбылдта æвзист майдан дунейы чемпионаты уæгъдибар хъæбысхæстæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik. Хуссарирыстойнаг спортсмен Зассеты Алан рамбылдта æвзист майдан дунейы чемпионаты уæгъдибар хъæбысхæстæй гауызы мастерты æхсæн, хъусын кæны республикæйы фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты пресс-службæ.
Гауызы мастерты æхсæн ерыстæ цæуынц Венгрийы æвдæм октябрæй фæстæмæ. Зассеты Алан архайдта 88 килограммы уæзы категорийы.
"Фыццаг æртæ тохы Алан равдыста иттæг хорз формæ æмæ ныддæрæн кодта йæ ныхмæлæуджыты. Финалы ирон спортсмен фембылд хъæбысæйхæцæгæн Литвайæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Спортсмен фарон дæр фембæлд Литвайæ хъæбысæйхæцæгимæ æмæ йæ уæд рамбылдта.