Хуссар Иры ссардтой фесæфæг æнахъомы – УУМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ссардтой Цхинвалы районы Залдайы хъæуы фесæфæг æнахъомы, фехъусын кодта Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
"Йæ цард æмæ æнæниздзинадæн ницы тас ис", - банысан кодтой пресс-службæйы.
Хуссар Ирыстоны Залдайы хъæуы 14-аздзыд æнахъомы агуырдтой Уæлвæткон уавæрты министрады 40 кусæджы бæрц.