Ӕфсӕддон-медицинон академийы хуссарирыстойнаг рауагъдонтӕ ацӕудзысты ординатурӕмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik. Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады Ӕфсӕддон-медицинон академийы дӕс рауагъдоны ацӕудзысты ординатурӕмӕ дарддӕры ахуырмӕ, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.
"Курсантты ординатурӕмӕ арвитыны фӕдыл скъуыддзаг райстӕуыд Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады къухдариуӕгады хъӕппӕрисӕй, цӕмӕй фӕбӕрзонддӕр уа медицинон кадрты квалификаци", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Хъахъхъӕнынадон уагдоны къухдариуӕгад баныфсӕвӕрдта, зӕгъгӕ, ӕвзонг специалисттӕ ординатурӕйы цы зонындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлтӕрддзинад райсой, уымӕй бахӕсдзысты егъау хайбавӕрд ӕфсӕддон-медицинон службӕйы райрӕзтмӕ.