ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембӕлд Уӕрӕсейаг ӕхсӕнад "Зонынад"-ы делегациимӕ, фехъусын кодта цыппӕрӕмы республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Делегаци генералон директоры хӕдивӕг Георгий Будныйы сӕргълӕудӕй ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ, цӕмӕй реализаци скӕной егъау рухстауӕн проект "Зонындзинӕдты хӕдзар", цы ран уагъд цӕудзысты лекцитӕ, мастер-класстӕ, ахуырадон интенсивтӕ ӕмӕ фембӕлдтӕ Уӕрӕсе ӕмӕ республикӕйы экспертты хайадистӕй.
"Хуссар Ирыстон алыхатт дӕр зӕрдиагӕй сӕмбӕлы уазджытыл", - загъта Гаглойты Алан.
Президент бахахх кодта, республикӕ цӕттӕ кӕй у алыварсон ӕххуыс кӕнын иумӕйаг инициативӕты реализацийӕн.
Георгий Будный бузныг загъта президентӕн ӕрхуынды тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, Уӕрӕсейы ӕхсӕнад "Зонынад"-ы архайд аххӕссыд ӕппӕт регионтыл.
Гаглойты Алан фембӕлд Уӕрӕсейаг ӕхсӕнад "Зонынад"-ы делегациимӕ
© Photo : Пресс-служба президента РЮО