Иууыл ахсджиагдӕр у, Женевӕйаг дискусситӕ кӕй ӕрхастой сабырад – ИНО-йӕ ӕмсӕрдар Мамо

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 окт – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл Ӕхсӕнадӕмон Женевӕйаг дискусситы 17 азы куысты иууыл вазыгджындӕр фӕстиуӕг у ацы период хӕстон архӕйдтытӕ кӕй нал райдыдтой, уый, фехъусын кодта дискусситы ӕмвӕрдар Иугонд нациты организацийӕ (ИНО) Хайлу Мамо.
"Хъӕуы банысан кӕнын, дзырд кӕй цӕуы механизмыл нӕ, фӕлӕ баныхасы хайадисджыты хайбавӕрдыл сабырады процессмӕ", - загъта Мамо.
Дипломат бафтыдта, зӕгъгӕ, Женевӕйаг дискусситы куыстмӕ стыр хайбавӕрд хӕссынц ӕртӕ ӕхсӕнадӕмон организацийы – ИНО, ОБСЕ ӕмӕ Евроцӕдис.
Хайлу Мамо.