ЦХИНВАЛ, 20 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри милици регистраци скодта иу фыдракӕнд, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министралы (МХМ) пресс-службӕ.
Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй милицийы кусджытӕ ӕрцахстой фондз адӕймаджы.
"Иу къуыримӕ республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд ӕхсӕз фӕндагон-транспортон цауы, авариты фӕстиуӕгӕн цыппар адæймаджы госпитализаци скодтой буары цæфтимæ, уыдонӕй иу амард реанимацион хайады", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ивгъуыд къуыри сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 277 фӕткхалды, ӕхсӕз шофыры фӕдыл та сарӕзтой административон протоколтӕ автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.