Мӕскуыйы фыццаг хатт ацӕудзӕн фестиваль "Уӕрӕсе ӕмӕ ХПӔ адӕмтӕ"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 окт — Sputnik. Мӕскуыйы фыццаг хатт ацӕудзӕн егъау Ӕхсӕнадӕмон фестиваль "Уӕрӕсе ӕмӕ ХПӔ адӕмтӕ", фехъусын кодта Уӕрӕсейы Ӕдасдзинады Советы аппараты пресс-службӕ.
Фестивалы организатор у Националон хъуыддӕгты фӕдыл Фелералон агентад УФ Ӕдасдзинады Советы аппараты ӕмархайдӕй. Мадзалмӕ бацӕттӕ кӕныны хайад исынц УФ культурӕйы министрад, Россотрудничество, Мӕскуыйы хицауад, Уӕрӕсейаг ӕхсӕнад "Зонынад" ӕмӕ ӕндӕр организацитӕ.
Мадзӕлттӕ цӕудзысты 31 октябрӕй 5 ноябры онг Мӕскуыйы ӕртӕ фӕзуатыл ӕмӕ ӕрбаиу кӕндзысты кусӕгон, рухстауӕн ӕмӕ культурон программӕтӕ.