Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 139 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 окт - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 139 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 139 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 56 – Белгородыобласты, 22-Брянскы областы, 21 Воронежы областы, 14 дроны æрыппæрстой Рязаны областы, 13 – Ростовы областы, цыппар æнæпилотон тæхæг аппараты скуынæг кодтой Хъырымы, фæйнæ дыууæ та – Тамбовы, Волгограды, Орелы æмæ Калугайы областты" - дзырдӕуы хъусинаджы.