ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Абхаз, Хуссар Ир ӕмӕ Днестыргӕроны омбудсментӕн зындӕр у тох кӕнын адӕймаджы бартыл, фехъусын кодта Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын минӕвар адӕймаджы барты фӕдыл Татьяна Москалькова.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы республикӕты адӕм сӕхӕдӕг равзӕрстой сӕ райрӕзты фӕндаг, фӕлӕ дунейы бӕстӕты фылдӕр хай уый нӕ банымадтой.
"Махӕн ахсджиаг у, немӕ кӕй сты. Сӕ рӕстӕг ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн", - бахахх кодта Москалькова.
Обмудсменты конференци цӕуы Мӕскуыйы. Хайад дзы райстой 60 паддзахады минӕвары.