ЦХИНВАЛ, 30 окт – Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕдты къорд "Ныгуылӕн"-ы хӕстонтӕ активон размӕбырстон архӕйдтыты рӕстӕджы ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Садовое Харьковы областы. Ӕфсӕдты къорд "Скӕсӕн"-ы хӕстонтӕ та ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Красногорское Запорожаг областы, фехъусын кодтой Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрады.
Афтӕ ма Уӕрӕсейы Гарзджын тыхтӕ иттӕг дырыс хӕцӕнгарзӕй егъау ӕхст фӕкодтой украинӕйаг ӕфсӕддон-сӕудӕджерадон комплексы объекттӕ.