ЦХИНВАЛ, 31 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты (СФХ) цыртдзӕвӕны цалцӕггӕнӕн куыстытӕ Ленингоры районы Икъоты хъӕуы.
Паддзахады сӕргълӕууӕгӕн радзырдтой, арӕзтадон куыстытӕ фӕ фӕуыдзысты 25 апрелы.
Проектмӕ гӕсгӕ мемориалы уыдзӕн мӕсыджы имитаци, фронтмӕ ацӕуӕг хъӕуы цӕрджыты нӕмттимӕ стела, афтӕ ма дзы сараздзысты стыр асин ӕмӕ рухсытӕ.