Хуссар Иры президент бабӕрӕг кодта Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзар

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзар.
Паддзахады сӕргълӕууӕг федта сывӕллӕтты хӕдзары хъомылгӕнинӕгтӕ цы уавӕрты ахуыр кӕнынц ӕмӕ цӕрынц, саргъ кодта хӕлцады гъӕдӕн, афтӕ ма ӕрныхас кодта уагдоны къухдариуӕгад ӕмӕ сывӕллӕттимӕ.