ЦХИНВАЛ, 6 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорд ӕмӕ милицийы тагъд архайды къорды кусджытӕ сӕххӕст кодтой 25-километрон марш-бросок бронетехникӕйыл Цхинвал – Зонкъар – Цхинвал маршрутыл. Къордты хӕстонтӕ равдыстой цӕттӕдзинады бӕрзонд ӕмвӕзад.
Хуссар Ирыстоны Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорд ӕмӕ милицийы тагъд архайды къорды кусджытӕ сӕххӕст кодтой 25-километрон марш-бросок бронетехникӕйыл
© Sputnik / Аслан Тедеев
Зонкъары хӕстонтыл сӕмбӕлд президент Гаглойты Алан. Паддзахады сӕргълӕууӕг бузныг загъта хӕстонтӕн сӕ службӕйы тыххӕй.
"Сымах бирӕ хатт равдыстат хъайтардзинад. Республикӕ ис фидар хъахъхъӕнынады бын. Бузныг уын уӕ куыст, фӕтк ӕмӕ нӕ адӕмы ӕдасдзинады тыххӕй", - загъта президент.
Хуссар Ирыстоны Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорд ӕмӕ милицийы тагъд архайды къорды кусджытӕ сӕххӕст кодтой 25-километрон марш-бросок бронетехникӕйыл
© Sputnik / Аслан Тедеев