Хуссар Иры мысынц легендарон командæгæнæг Хуыбылты Валерийы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны 6 ноябры мысынц легендарон командæгæнæг, политикон архайæг, РХИ Гарзджын тыхты бындурæвæрджытæй иу, Ирыстоны Хъайтар Хуыбылты Валерийы – республикæйы номдзыд лидерыл сæххæст уыдаид 59 азы.
Гуырдзиаг агрессийы фыццаг бонтæй Хуыбылты Валерий ссис хæстон архæйдтыты активон хайадисæг, равдыста æцæг хъайтардзинад, сорганизаци кодта фидар ныхмæлæуд знагæн.
Хуыбылты Валерий 1992 азы хайад райста Сочийы бадзырдты бафысты гуырдзиаг-ирон конфликт æрнывыл кæныны фæдыл.
Йæ къухдариуæгады бын 1993 азы арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрад – Валерий уыд уагдоны разамонæг 1996 азы æмбисы онг. 1994 азы Хуыбылты Валерийы снысан кодтой республикæйы вице-премьерæй.
Хуыбылты Валерийы амардтой Дзæуджыхъæуы 1998 азы.