Хуссар Иры педагогтæ цæуынц ахуыр "Артек"-ы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 ноя – Sputnik. Æхсæнадæмон сывæллæтты центр "Артек"-ы цæуынц ахуырад Хуссар Ирыстоны педагогтæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны программæйы фæлгæтты. Ахуыр цæуынц Хуссар Ирыстоны "Навигаторы детства" конкурсы уæлахиздзаутæ.
УФ рухстауыны министры фыццаг хæдивæг Александр Бугаевы ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны рагæй фæстæмæ бæттынц хæларадон ахастытæ.
"Фæстаг азты дæргъы мах кусæм иунæг ахуырадон æмæ хъомыладон тыгъдады арæзтадыл Уæрæсейы æппæт регионты. Махмæ ис хъæздыг теоретикон æмæ практикон фæлтæрддзинад æмæ йæ зæрдиагæй дих кæнæм нæ коллегæтæн дæр хæларадон бæстæтæй. Ныфс мæ ис, "Навигаторы детства" Хуссар Ирыстонæй кæй уыдзæн фидар бындур рспубликæйы хъомылады системæйæн", - загъта министры хæдивæг.
Программæйы хайадисджыты раз раныхас кодта Уæрæсейы Федерацийы президенты администрацийы разамонæджы хæдивæг Сергей Кириенко.