ЦХИНВАЛ, 31 окт - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 75 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 75 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 49 Волгограды областы, авд дроны скуынӕг кодтой Хъырымы, цыппар Ростовы областы, ӕртӕ Белгороды областы ӕмӕ дыууӕ та Орелы областы" - дзырдӕуы хъусинаджы.