Цхинвалы хай рӕстӕгмӕ баззайдзӕн ӕнӕ рухсӕй дыццӕджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 ноя – Sputnik. Цхинвалы хай рӕстӕгмӕ баззайдзӕн ӕнӕ рухсӕй цалцӕггӕнӕн куыстыты тыххӕй дыццӕджы, фехъусын кодтой Sputnik-ӕн паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы
Электроэнерги ахицӕн кӕндзысты 10.00-ӕй 15.00 сахаты онг къорд уынгыл: 8 Июны, Фӕскомцӕдисонты, Мӕргъиты Ацӕмӕзы, Калинины, Дзадтиаты, Бушы, Плиты Ароны, Галаты Борисы, Сиукъаты Игоры ӕмӕ Едысы уынгтыл.
"Цадлцӕггӕнӕн куыстытӕ уагъд цӕуынц, цӕмӕй фӕфылдӕр кӕной горӕты электроифтонгады гъӕд", - бафтыдтой "Энергоресурс"-ы
Цхинвалы цӕрджытӕм сидынц, цӕмӕй ӕмбаргӕ ахаст дарой рӕстӕгмӕ зындзинӕдтӕм.