Цхинвалы хæдтулгæ сæмбæлд электроэнергийы цæджындзыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 ноя – Sputnik. Цхинвалы ВАЗ 2114 хæдтулгæйы шофыр сæмбæлд электроэнергийы цæджындзыл, хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Цау æрцыд къуырисæры æхсæвы.
"Столицæйы 20-аздзыд шофыр ВАЗ 2114 хæдтулгæйыл скъæрдта аразджыты уынгыл. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, шофыр нæ сырæхст скъæрын æмæ сæмбæлд электроэнергийы цæджындзыл. Цæфы фæстиуæгæн цæджындз афæлдæхт", - дзырдæуы хъусинаджы.
Аварийы фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй.